Координатор Северо-Осетинского регионального отделения ЛДПР Сослан Бестаев поздравил жителей Осетии с Новым годом на осетинском языке
Æрхæццæ та нæм кæны нæ бæрæгбонты стырдæр Ног аз. Азæй-азмæ адæймаг стыр ныфсимæ фæбæллы хуыздæр цард, хуыздæр дугмæ. Уæдæ, гуырысхойаг никæмæн у, 2021 аз нын бирæ зындзинæдтæ, бирæ фыдæбæттæ кæй бавзарын кодта, уый. Фæлæ адæймаджы ныфс ма хъуамæ сæтта. Æгас ирон адæм иудзинады фæндагыл ныллæуугæйæ Ног, 2022 азы къæсæрыл куы бакъахдзæф кæной, уæд мæ фидарæй уырны низы сæрты, зындзинад, фыдæбоны сæрты æнцонтæй кæй акъахдзæф кæндзыстæм, уый.
Зынаргъ, горæт Дзæуджыхъæуы цæрджытæ, уæ номæй арфæ кæнын æппæт ирон дзыллæйæн Цæгатæй Хуссармæ. Уæ бинонтæ, уæ фæрныг къонатæм уын Ног аз бирæ ног цинтæ, ног хæрзтæ æрхæссæд. Азы дæргъы кæд нæ уавæр тынг тыхст уыд, уæддæр нын сæ 2022 аз цы ферох кæнын кæна, ахæм амонд нын бауарзад Хуыцауы цæст! Арфæгонд ут!