Мæздæджы арæзт æрцыд велосипедтыл дугъ. Архайдтой дзы 200 адæймаджы. Се хсæн: хистæр кары адæм, сывæллæттæ, профессионалон спортсментæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Велосипедисттæ æрцыдысты горæты уынгтыл. Сæ дугъ сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлихизы 73 азы бонимæ. Сæ разæй тырысатимæ цыди ретро-автомобиль.