Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн дæттынц цæрæнуæттæ. 2017-æм азы уыцы куыстытæн радих кодтой 310 милуан сомы. Райстой сæ 228 адæймаджы. Уый тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан. Ныхас ма цыд районы ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл æмæ социалон-экономикон рæзты ног нысантыл дæр. Уæлдай æргом зæдхт цæуы, федералон программæтæм гæсгæ цы арæзт цæуы, уыцы объекттæм, стæй нæ бæстæйы президенты майы указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Беслæны аразынц дыууæ рæвдауæндоны, Заманхъулы та райдайдзысты культурæйы хæдзар аразын. Рахизфарсы район хаст æрцыд, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ кæм æххæстгонд цæуы, ахæм муниципалон скондты хыгъдмæ. Ацы аз ног цæрæнуæттæ ратдзысты 60 бинонтæн. Уыимæ, цæрынæн чи нал бæззы, ахæм арæзтæдтæй фехалдзысты 2500 квадратон метры. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Заманхъулы æмæ Бæтæхъойы хъæуы фæзындзысты дыууæ бирæвæрсыг ирхæфсæн фæзы æмæ сывæллæтты æнæниздзинад фидаргæнæн спортивон комплекс. Ольгинскæйы та дарддæр цалцæггонд цæудзæн дондзæуæн системæ.